Йæ хуыз скалдзæн профцæдисты хæдзар дæр
Нæ горæты иууыл рæсугъддæр æмæ хæдхуыздæр бæстыхæйттæй сæ иу уыд Профцæдисты хæдзар, фæлæ уый дæр 2008 азы августы хæсты азар баййæфта. Уыцы хæст уæззау фæд ныууагъта канд нæ хæстфæллад адæмы зæрдæтыл нæ, фæлæ нæ горæтыл æгасæй дæр. Знаджы къух кæдæмдæриддæр æххæст, уым æппæтдæр сыгъд æмæ пырх æрцыд. Пырх æмæ дæрæн æрцыд Профцæдисты хæдзар дæр. Уыцы ран, йæ хæдразмæ, хæст сытынг ис. Абон дæр ма агъуыстмæ бахизæны æвдисæнæн лæууы танчы мæсыг.
Фæсхæст, куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстон сæндидзын кæнынмæ се 'ххуысы къух фæдаргъ кодтой Уæрæсейы алы регионтæ. Чи скъолатæ аразын æмæ цалцæг кæнынмæ æрæ-внæлдта, чи - сывæллæтты рæвдауæндæттæм æмæ æндæр социалон ныса-ниуæджы объекттæ æндидзын кæнынмæ.
Профцæдисты хæдзар аразынмæ та æрæвнæлдтой приднестроваг аразджытæ. Ссыгъдæг ын кодтой йæ пырхæнтæ, раивтой агъуысты æмбæрзт дæр æмæ ууыл сæ дзул лæвæрд фæцис, цæмæдæр гæсгæ йæ фæуагътой гомгæрцæй æмæ уæдæй абонмæ йæ тæфтыл ничиуал ацыд. Афтæмæй сидзæргъуызæй каст йæ рæзты цæуджытæм.
Ныр æм ацы бонты аразынмæ æрæвнæлдтой челябинскаг аразджытæ. Аразгæ та йæ кæны арæзтадон фирмæ ООО «Ирбис». Йæ генералон директор у Вадим Калугин. Ацы фирмæйы кусджытæ, нæ горæтмæ æрцæугæйæ, фæдих сты цалдæр бригадæйыл. Уыдо-нæй иу бригадæ кусы зæххы бын коммуникацитæ ивыныл, иннæтæ кусынц фæндага-рæзтадыл, æндæртæ та хæдзæртты æддаг хуыз срæсугъд кæныныл. Хæдзæртты æддаг хуыз цы бригадæ рæсугъд кæны, уыдон уал фыццаг æрæвнæлдтой Профцæдисты хæдзары сæнди-дзын кæнынмæ. Куыстуаты хистæр Петр Кононов куыд зæгъы, афтæмæй Профцæдисты хæдзар рæхджы скалдзæн йæ хуыз. Уымæн æмæ йæм æрæвнæлдтой зæрдиагæй. Ныртæккæ ам архайынц дыууæ бригадæйы. Дыккаг бригадæйы та кусынц бынæттон æвзонг фæсивæд. Челябинскаг аразджытæ йын æрæвнæлдтой йæ æддаг хуыз срæсугъд кæнынмæ. Нæхи аразджытæ та йын аразынц æмæ æвæрынц пластикон рудзгуытæ. Йе ‘ддаг хуыз ын рафидауын кæныны фæстæ челябинскаг аразджытæ æрæв-налдзысты агъуысты сæр ногæй раивынмæ, уымæн æмæ куыд æмбæлы, афтæ арæзт нæу. Ис дзы бирæ згъуыдтæ æмæ къæвдайы дон нæ уромы.
Петр Кононов куыд зæгъы, афтæмæй уыцы куыстытæ уыдон хъуамæ сæххæст кæной 15 мартмæ. Æнæуи сæ разы ницы ныхдуртæ лæууы, ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй, фæлæ сæ фæнды Профцæдисты хæдзары бахизæны цы танчы мæсыг ис, уый раппарын. Уымæ гæсгæ куыстуаты хистæр ныффыста уæлдæр инстанцитæм, цæмæй сын бар радтой йæ раппарынæн.
Æвæццæгæн, йæ раппарын раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ уый у, нæ республикæйæ нын «тыгъд быдыр» аразынмæ чи хъавыдысты, уыдоны æрмдзæф. Æмæ иууыл растдæр уаид, куыд у, афтæ йæ йæ бынаты ныууадзын.
БЕСТАУТЫ Валя
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.